Новости
Общество

Ерцъойы цады был уагъд цӕуы барды зарӕджы фестиваль «Алайнаг уды тӕгтӕ»

Хӕхтӕ, ӕрдз, сатӕг уӕлдӕф ӕмӕ иууыл сӕйрагдӕр та зӕрдӕмӕхъаргӕ аив музыкӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл рӕсугъддӕр бынӕттӕй сӕ иуы уагъд цӕуы авторон зарды фестиваль. Растддӕр ацы бынаты цалдӕр боны фӕуыдзысты бардтӕ Уӕрӕсейы ӕппӕт къуымтӕй дӕр. Хуссар Ирыстоны ахӕм фестиваль уагъд цӕуы фыццаг хатт. Ардӕм ӕрӕмбырд сты ӕрмӕст бардтӕ нӕйы, фӕлӕ ма аив музыка чи уарзы ӕмӕ ӕрдзы хъӕбысы йӕхи аирхӕфсын кӕй фӕнды, ахӕм адӕм. Фестивалы оганизатортӕ Эрцъойы цады был сывӕрдтой цатыртӕ, сарызтой ӕппӕт уавӕртӕ дӕр, цӕмӕй ӕрӕмбырдуӕвджытӕ сӕ рӕстӕг арвитой хорз.

 

17.08.2019